EUMM - European Union Monitoring Mission in Georgia

Krtsanisi Residential Area, 49 Krtsanisi Street, Tbilisi, Georgia
Tel: +995 32 2 721800; +995 32 2 719300
Email: press@eumm.eu
www.eumm.eu
 
24/11/2024 16:11:52
Print | Close
https://eumm.eu./os/eu_in_georgia/how_does_the_eu_work/
 
Европæйы парламент

Европæйы парламент æвзæрст цæуы 5 азы мидæг иу хатт Евроцæдисы уæнг бæстæты цæрджыты ‘рдыгæй уыдонæн сæ интересты сæххæст кæнынæн. Европарламенты сæйраг хъуыддагдзинад европаг закъæтты райсын у Еврокъамисы ‘рдыгæй бавдыст хъуыдыйæдты бындурыл. Европарламент лæвæрд бæрндзинады Евроцæдисы Советимæ уынаффæ кæны. Парламент æмæ ма Совет уынаффæ кæнынц иумæйагон барлæвæрддзинад Евроцæдисы афæдзон бюджеты сфидар кæнынæн. Парламенты сæйраг рабæдтытæ уагъд цæуынц Страсбургы (Франц), иннæтæ та Брюсселы (Белги) уагъд цæуынц.


Европæйы Совет

Совет конд у уæнг бæстæты хицауады кæнæ паддзахады къухдариуæгадæй, йæ президенты æмæ Евроцæдисы къамисы президентæй. Советы куысты хайад исы Евроцæдисы фæсарæйнаг хъуыддæгты æмæ æдасдзинады политикæйы иуыл бæрзонддæр минæвар. Европæйы Совет бæрæг кæны Евроцæдисы иумæйаг политикæйы æмæ приоритетты. Уымæн нæй закъондæттæг функцитæ. Европæйы Совет æрæмбырд вæййы дыууæ хатт алы æхсæз мæйы мидæг, йæ президенты æрхонгæйæ. Кæд ситуаци домы, президент специалон рабадт аразы. Президенты æххæстбары æмгъуыд у дыууæ аз æмæ æрдæг, иухаттон сногкæныны баримæ. Европæйы Совет æрæмбырд вæййы Брюсселы.


Евроцæдисы Совет

Евроцæдисы Совет Евроцæдисы уынаффæты райсæг сæйраг орган у. Уый дих кæны бæрндзинады Европæйы парламентимæ Евроцæдисы закъæтты райсыны фæдыл. Евроцæдисы Совет арæзт у Евроцæдисы алы бæстæйы националон хицауæдты министртæй. Алы Советы фембæлды алкæцы Евроцæдисы уæнг паддзахадæй вæййы бæрнон министр. Æндæр æмæ æндæр уæнг паддзахад 6 мæйон периодæй æмивгæ Советы президенты бынат ахсы, сæрдариуæг кæны ацы фембæлдтæн æмæ аразы иумæйаг политикон боны фæтк. Æмивгæ президент нæ хауы фæсарæйнаг хъуыддæгты Советмæ, кæцыйы сæрдар у Евроцæдисы фæсарæйнаг хъуыддæгты æмæ æдасдзинады политикæйы иуыл бæрзонддæр минæвар.


Еврокъамис 

Еврокъамис Евроцæдисы æххæстгæнæг орган у æмæ Евроцæдисы иумæйаг интересы æвдисы. Уый бакусдзæн ног европаг закъæтты проекттыл, кæцыйы бавдисдзæн Европæйы парламент æмæ Советмæ. Уый практикæйы спайда кæндзæнис Евроцæдисы иумæйаг политикæйы æмæ дзуапп кæны Евроцæдисы фондтæн æмæ программæтæн. Къамис ма рацæуы “бадзырдты хъахъхъæнæг” ролы, кæцы контроль кæны Евроцæдисы бадзырдты æмæ закъæтты сæххæст кæныны фæдыл. Уымæн йæ бон у халджыты ныхмæ мадзæлттæ скæна æмæ æнæмæнгхъæугæ цауы Европæйы тæрхондонмæ бадæтта. Къамис 28 комиссарæй конд у, цыран алчидæр уыдонæй Евроцæдисы иу уæнг бæстæйы æвдисы. Къамисы президент æвзæрст у Евроцæдисы 28 уæнг бæстæйы хицауадты ‘рдыгæй æмæ сфидаргонд у Европæйы парламентæй. Иннæ комиссартæ нысан цæуынц сæ националон хицауадтæй ног президентимæ консултациты бындурыл æмæ Европæйы парламентæй фидаргонд цæуынц. Уыдон не ‘вдисынц сæ бæстæйы хицауадты. Уый бæсты, алчи дæр уыдонæй бæрнон у Евроцæдисы политикæйы конкретон сферæйы. Уыдонæй алчидæр нысангонд цæуы фондз азы æмгъуыдæй.