EUMM - European Union Monitoring Mission in Georgia

Krtsanisi Residential Area, 49 Krtsanisi Street, Tbilisi, Georgia
Tel: +995 32 2 721800; +995 32 2 719300
Email: press@eumm.eu
www.eumm.eu
 
24/11/2024 16:11:59
Print | Close
https://eumm.eu./os/eu_in_georgia/what_is_eu_foreign_policy/
 
Евроцæдисы æддагон æмæ æдасдзинады политикæ (CFSP) Маастрихты бадзырдæй арæзт æрцыд. Йæ нысæнттæ сты: сабырдзинад бахъахъхъæнын æмæ æхсæнадæмон æдасдзинады фæтыхджындæр кæнын ИНО-йы уставмæ гæсгæйæ; æхсæнадæмон æмкуысткæнынадæн баххуыс кæнын; демократийы æмæ закъоны уæлдæрдзинады рæзынæн æмæ консолидацийæн æмæ адæймаджы бартæн æмæ сæйрагдæр сæрибардзинады хъахъхъæдæн.

Амстердамы бадзырды (1997) фæстиуæгæн Евроцæдисы иумæйаг æддагон æмæ æдасдзинады политикæйы уæлдæр минæварады офис арæзт æрцыд, кæцыйы нысаниуæгæн Евроцæдисы æддагон политикæйы координаци кæнын æмæ ивгæ сæрдариуæгмæ гæсгæйæ Евроцæдисы номæй æддагон политикæйы разыгонд фарстæты æвдисы.

Евроцæдисы уæнг паддзахæдтæ иумæйаг æддагон æдасдзинады политикæйы принциптæ æмæ иумæйаг директивтæ бæрæг кæнынц. Уый бындурыл министрты Совет “Иумæйы архæйдтытæ” кæнæ “Иумæйаг позицитыл” бакусдзæнис. Сæйраг компоненты иумæйаг æдасдзинады æмæ хихъахъхъæныны политикæ æвдисы.

2009 аз 1-æм декабры Лиссабоны бадзырд йæ тыхы бацыд. Ацы бадзырдмæ гæсгæйæ Евроцæдисы фæсарæйнаг хъуыддæгты æмæ æдасдзинады политикæйы уæлдæр бæрноны куысты бынат фæзындис. Ацы куысты бынат фæсарæйнаг хъуыддæгты æмæ æдасдзинады политикæйæн Cоветы минæвары, фæсарæйнаг хъуыддæгты Cоветы президенты æмæ къамисы вице-президенты функцитæ æххæст кæны. Ныртæккæ ацы бынаты кусы Кэтрин Эштон.